Хуссар Ирыстоны скад кодтой фидауынгӕнджытӕн

Фидауынгӕнӕг контингент гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ ӕрбакодтой 1992 азы 14 июлы - Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ Сочийаг бадзырдтӕ куы бафыстой, уый фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы банысан кодтой Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты ӕрбаконды 29-ӕм афӕдзы бон.

Фидауынгӕнӕджы боны цытӕн мадзӕлттӕ райдыдтой, ӕрӕджы Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн цы цырт бакодтой, уый цурӕй, кӕцымӕ фыдохы музӕкӕйы зӕлтимӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой президент Бибылты Анатолий, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов, афтӕ ма хицауады уӕнгтӕ, министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты минӕвӕрттӕ, горӕты цӕрджытӕ.

Хуссар Ирыстоны скад кодтой фидауынгӕнджытӕн

Дидинджытӕ ма сӕвӕрдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты батальоны пырх казармӕйы цур дзуармӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы Хъайтар Денис Ветчиновы бюстмӕ, кӕцы фӕмард 2008 азы августы Цхинвал хъахъхъӕнгӕйӕ.

Уымӕй дарддӕр ма дидинтӕ сӕвӕрдтой столицӕйы Фидауынгӕнӕджы уынгыл стеламӕ.

Хуссар Ирыстоны скад кодтой фидауынгӕнджытӕн

Мадзал адарддӕр ис Хуссар Иры президент Бибылты Анатолийы фембӕлдӕй фидауынгӕнӕг тыхты ветерантимӕ анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы конференц-залы.

Фидауынгӕнӕг контингент гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ ӕрбакодтой 1992 азы 14 июлы - Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ Сочийаг бадзырдтӕ куы бафыстой, уый фӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны скад кодтой фидауынгӕнджытӕн

Фидауынгӕнӕг контингент 16 азы дӕргъы (2008 азы августы онг) уыд регионы цӕрджыты сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады гарант.

2008 азы 8 августы гуырдзиаг ӕфсӕдтӕ бабырстой республикӕмӕ ӕмӕ ныппырх кодтой йӕ столицӕ Цхинвалы хай. Фидауынгӕнджыты гуырдзиаг батальон рахызт иумӕйаг къухдариуӕгадӕй ӕмӕ хайад райста бабырсты. 15 уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕджы амардысты.

Фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕцис фидауынгӕнджыты мисси дӕр. Фидауынгӕнджыты цытӕн Цхинвалы централон уынгтӕй иуӕн радтой сӕ ном, афтӕ ма сӕвӕрдтой мысӕн стела.