Цхинвалы Фидауынгæнджыты бон æрæхгæдтой цалдæр уынджы

Республикæйы барадхъахъхъæнæг уагдоны радзырдтой, кæцы уынгтæ сæхгæндзысты Хуссар Ирыстоны столицæйы Фидауынгæнджыты боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Цхинвалы цалдæр уынгыл рæстæгмæ æруромдзысты фæндагон змæлд Фидауынгæнæджы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæы республикæйы МХМ пресс-службæ.

Хуссар Иры нысан кӕнынц фидауынгӕнӕг операцийы райдайӕны 29-ӕм афӕдзы бон

Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты ӕрбаконды 29-ӕм афӕдзы бон.

Ацы аз Фидауынгӕнӕджы боны фӕлгӕтты дидинтӕ сӕвӕрдзысты Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы Монументмӕ, афтӕ ма зынгхуыст хъайтарты ингӕнтӕм.

"11:00 сахатæй сæхгæдтам В. Путин - Хъайтарты, В. Путин - Октябрыуынгты алвæндæгтæ, Фидауынгæнджыты уынг, афтæ ма Хатебаты Исахъы уынг Джиоты Аланы проспектæй Рукъы уынджы онг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр автоинспектортæ сæ хъус дарынц фæндагон змæлдмæ Сталины - Хетæгкаты К., Тугъанты М. - Хетæгкаты К., Тугъанты М. - Дзауы æмæ Тугъанты М. - Кимы уынгты алвæндæгтыл.