Иуварс кӕнынц фӕстиуджытӕ: Цхинвалы тыхдымгæ рафæлдæхта цæджындзтæ æмæ бæлæстæ

Столицæйы кæцыдæр районты хæдзæртты ныккæндтæ æмæ фыццаг уæладзгуытæ дæр байдзаг сты донæй. Ныридӕгӕн сӕрмагонд службӕтӕ архайынц æрдзон бæллæхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы изӕры тыхдымгæ рафӕлдӕхта бӕлӕстӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ.

"Тыхдымгӕ Цхинвалы Пушкины уынджы 25 хӕдзары раз афӕлдӕхта телефоны бастдзинады цӕджындз. Стӕй ма Дзабиты Геннадийы уынгыл йӕ астӕуыл асаста донхӕрисы бӕлас", - фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.

Уым ма бафтыдтой, ӕрдзон бӕллӕхы зиӕнттӕ гӕнӕн ис æмӕ разыной фылдӕр, фӕлӕ уыдон тыххӕй уагдонмӕ нӕ фехъусын кодтой.

Иуварс кӕнынц фӕстиуджытӕ: Цхинвалы тыхдымгæ рафæлдæхта цæджындзтæ æмæ бæлæстæ

Ныридӕгӕн сӕрмагонд службӕтӕ архайынц тыхдымгӕйы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл. Горæты кæцыдæр районты хæдзæртты ныккæндтæ æмæ фыццаг уæладзгуытæ дæр байдзаг сты донæй.

Цхинвалы дыццӕджы фӕссихор фӕивта боныгъӕд, фондз сахатмӕ ӕввахс райдыдта тӕрккъӕвда, йӕ фӕстӕ та сыстад тыхдымгӕ.