Ирыстойнаг рауагъдон Дзӕгъиаты Алан ссис Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурсы уӕлахиздзау

Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс нывонд уыд зонад ӕмӕ технологиты азӕн. Дзӕгъиаты Алан хорзӕх райста Паддзахадон думӕйы депутат, олимпиаг чемпионкӕ Светлана Журовайы къухтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik. Хӕххон паддзахадон аграрон университеты рауагъдон Дзӕгъиаты Алан ссис Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурсы уӕлахиздзау, кӕцы нывонд уыд зонад ӕмӕ технологиты азӕн. Ӕвзонг ветеринарӕн радтой хорзӕх проекты тыххӕй, "кӕцы здӕхт у халсарӕг хомаджы руаджы хоскӕнынадмӕ, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной экологион ӕдасдзинад". Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Ӕвзонг ветеринар банысан кодта, йӕ професси йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цыд сабибонтӕй фӕстӕмӕ.

"Алыхатт дӕр мӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдаин ветеринарон дохтыр, хӕдзары уый никӕй зӕрдӕмӕ цыд – мӕ фыд уыд тренер, боксы тӕрхонгӕнӕг. Ӕз та алыхатт дӕр хӕдзармӕ кодтон цӕрӕгойты, цӕмӕй сын хос кӕнон. Ныр та дӕн ветеринарон дохтыр, ис мын ӕнтыстытӕ, ӕмӕ мӕ бинонтӕ мӕ фарсмӕ балӕууыдысты", - загъта Дзӕгъиаты Алан.

Дзӕгъиаты Алан бузныг загъта йӕ университеты ректор ӕмӕ зонадон разамонӕгӕн, афтӕ ма йӕ бинонтӕн.