Хуссар Иры транспорт кусы ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ COVID-19-ы тыххӕй

Хуссар Ирыстоны автомобилон транспорты хайады сӕргълӕууӕг радзырдта, куыд бандӕвта коронавирус маршруткӕтӕ ӕмӕ рейсон автобусты куыстыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон транспорт кусы ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ коронавирусӕй рынчынкӕнынад кӕй фылдӕр кӕны, уый тыххӕй. Автобустӕ ӕмӕ маршруткӕты уагъд цӕуы дезинфекци, шофыртӕ ӕххӕст кӕнынц маскӕйы режим ӕмӕ пайда кӕнынц ӕрмкъухтӕй, фехъусын кодта Sputnik автомобилон транспорты хайады сӕргълӕууӕг Дудайты Альберт.

Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны COVID-19-ӕй

"Транспортон фӕрӕзты иууылдӕр сдезинфекци кӕнынц. Афтӕ ма шофыртӕ ӕххӕст кӕнынц маскӕйы режим ӕмӕ пайда кӕнынц ӕрмкъухтӕй, цӕмӕй COVID-19 ма парахат кӕна", - загъта Дудайты Альберт.

Уый бафтыдта, рынчынкӕнынады рӕзт кӕй нӕ бандавдзӕн ӕхсӕнадон транспорты куыстыл.

Июны ӕмбисӕй республикӕйы фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ивгъуыд суткӕйы республикӕйы сарӕзтой 250 тесты, уыдонӕй 43 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Цӕстдардон уагдоны ПРЦ-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 644 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3770.