ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik, Козаты Диана. "Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусӕй рынчынкӕнынады фӕдыл. Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, иу суткӕмӕ низ бахӕцыд 36 адӕймагыл.
Бон раздӕр цӕстдардон уагдоны лабораторийы сарӕзтой 187 иртӕсты.
"Тесттӕ ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 36 адӕймагӕн. Дохтырты хъусдарды бын ис 330 рынчыны, уыдонӕй 90 хуыссынц инфекцион рынчындоны", - фехъусын кодта брифингы Цхинвалы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Уый банысан кодта, инфекцион рынчындон ныридӕгӕн кӕй байдзаг ис рынчынтӕй.
Коцты Марина ма фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады информацимӕ гӕсгӕ, пандемийы райдайӕнӕй вирусӕй амӕлӕг адӕмы нымӕц кӕй у 54.
"Мах хъуыды кӕнӕм, кӕй дзырдтой бирӕ фылдӕр зиӕнтты тыххӕй, фӕлӕминистрад абон дӕтты ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ", загъта уый.
"Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, уавӕры анализ куыд ӕвдисы, афтӕмӕй рынчынты нымӕц кӕндзӕн фылдӕр.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад, республикӕмӕ ӕрцыд COVID-19-ы дыккаг уылӕн. Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын медицинон уагдӕттӕ пациентты райсынмӕ.