Приоритеты - коронавирусӕй рынчынтӕ: ӔХМ сӕргълӕууӕг инфекцион рынчындоны резервы тыххӕй

Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы фылдӕрӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Майрӕмбоны "Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта COVID-19-ӕй 34 ног фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион рынчындоны сӕвӕрдтой сӕдӕйӕ фылдӕр сынтӕджы коронавирусӕй рынчынтӕн. Уым ныртӕккӕ COVID-19 хос кӕнынц 83 пациенты, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы фылдӕрӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц, республикӕмӕ ӕрцыд пандемийы дыккаг уылӕн. 

"Инфекцион рынчындоны сӕвӕрдтам 1150 сынтӕджы, ныртӕккӕ дзы ис 83 пациенты. Куыд уынут, афтӕмӕй дзы ис резерв", - загъта Наниты Сослан.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, "инфекционкӕйы" гӕнӕн ис сӕвӕрын 150 сынтӕджы онг.

"Уыдон нырма иууылдӕр нӕ сӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ ма рынчындоны хос кӕнынц ӕндӕр профилы рынчынтӕн дӕр, кӕцыты дӕр хъӕуы сынтӕджытӕ. Фӕлӕ приоритеты сты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, коронавирусӕй рынчынтӕ", - бафтыдта уый.

Наниты Сослан ма бафтыдта, зӕгъгӕ, иу суткӕмӕ инфеккцион рынчындонмӕ кӕй бахауд цыппар адӕймаджы, хӕдзармӕ та афыстой 11 пациенты.

Июлы райдианы оперативон штаб аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕной сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.