Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой дыууӕ арты

Ацы къуыри республикӕйы уыд сабыр уавӕр, ӕрмӕст майрӕмбоны уӕлвӕткон уагдонмӕ фехъусын кодтой дыууӕ зынгсирвӕзты ӕмӕ тӕссаг ӕрмӕджы ссарды тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой дыууӕ зынгирвӕзты Цхинвал ӕмӕ Ленингоры районты, фехъусын кодта Sputnik министрады радгӕсон службӕйы.

"Знон зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой дыууӕ зынгирвӕзты. Ленингоры районы ссыгъд бырондон. Цхинвалы районы Монастыры хъӕуы УУМ бригадӕ ахуыссын кодта кӕрдӕджы ссыгъд", - загътой радгӕсон службӕйы.

Уым ма бафтыдта, майрӕмбоны ма Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы ссардтой 2008 азы хӕсты рӕстӕгӕй баззайгӕ хӕцӕнгарзы хай.

"Уый ницы тӕссаг уыд адӕмӕн", - бафтыдтой уым.