Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды бӕлӕстӕ

Лыг цӕуынц хус бӕлӕстӕ ӕмӕ фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ светофорты чи хъыгдары, къалиутӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтыл хӕрзарӕзтады комитеты зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды горӕты бӕлӕстӕ цӕрджыты ӕмӕ уагдӕтты куырдиаттӕм гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik комитеты хистӕр Габуты Инал.

Ацы бонты бригадӕ кусы Джиоты Аланы проспектыл.

"Паддзахадон автоинспекцийы куырдиатмӕ гӕсгӕ нӕ дӕлхайады кусджытӕ ӕхсӕстой горӕты фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ светофортӕ чи ӕхгӕны, ахӕм къалиутӕ. Стӕй ма горӕты цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ ралыг кӕнынц хус къалиутӕ, цӕмӕй дымгӕйы рӕстӕджы макӕуыл ӕрхауой", - загъта Габуты Инал.

Уый ма бафтыдта, бирӕ куырдиӕттӕ сӕм ис горӕты цӕрджытӕй, фӕлӕ се 'ппӕтӕн сӕ ӕнхъарӕн сӕххӕст кӕнын сӕ бон нӕу.

"Ныр ӕхсӕдыны рӕстӕг нӕу, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст тӕссагдзинад кӕцы ӕвзӕрын кӕны, ахӕм бӕлӕстӕ ӕхсӕдӕм", - балхынцъ кодта уый.

Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды бӕлӕстӕ