Архайӕм нӕхи тыхтӕй: Хуссар Иры ӔХМ сӕйраг терапевт COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

Республикӕйы фӕстаг мӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц – ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын сты 386 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы архайӕм нӕхи тыхтӕй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара.

Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл

Цхинвалы дыццӕджы ацыд пресс-конференци медиктимӕ, кӕцы уыд нывонд республикӕйы эпидемиологион уавӕримӕ.

Республикон медицинон центры исӕн дӕлхайады, кӕцы ис Цхинвалы раздӕры гуырӕн хӕдзары бӕстыхайы, абоны бон кусы 12 адӕймаджы скондӕй медикты бригадӕ.

"ПЦР-тестӕн биоӕрмӕг исӕм ӕрвылбон, 9.00 сахатӕй фӕстӕмӕ. 1 июлӕй исӕн хайадмӕ бадзырдтой 748 адӕймаджы. Анализтӕ райстам 1084 адӕймагӕй, фӕсидттӕм ацыдыстӕм 131 хатт", - банысан кодта Санахъоты Тамара.

Архайӕм нӕхи тыхтӕй: Хуссар Иры ӔХМ сӕйраг терапевт COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

Уый ма бахахх кодта, исӕн хайады дохтыртӕ сӕ хъус кӕй дарынц алкӕцы пациентмӕ дӕр.

"Мах ӕрвылбон райсӕм лабораторийӕ ӕвӕрццаг тесттимӕ адӕмы номхыгъдтӕ, дохтыртӕ фӕдзурынц алкӕцы рынчынмӕ дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц хоскӕнынадимӕ", - фехъусын кодта дохтыр.

Афтӕ ма Санахъоты Тамара радзырдта, республикӕйы коронавирусӕй кӕй фӕрынчын ӕвгъӕддон сылгоймаг дӕр, кӕцыйы уавӕрмӕ сӕ хъус дарынц профилон специалисттӕ.