Хуссар Иры емынӕйы фӕзынды зонӕйы сӕвӕрдтой дезбарьер

Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц, цӕмӕй рыны апарахаты территорийӕ хӕдтулгӕтӕ ма рахӕссой тӕссаг вирус, кӕцы цӕгъды хуыты мыггаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы рахизӕны ветеринарон службӕтӕ сӕвӕрдтой дезбарьертӕ автотранспортӕн.

Мадзӕлттӕй фӕдзӕхсынц африкӕйы емынӕйы апарахат, кӕцы фӕзынд районы цалдӕр хъӕуы, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Лолаты Владимир.

Африкӕйаг емынӕ йӕ апарахаты территорийыл ныццӕгъды ӕппӕт хуыты мыггаг.

"Африкӕйаг емынӕ сбӕлвырд кодтой Цхинвалы районы цыппар цӕрӕн пункты - Дменисы, Къохаты, Уанаты ӕмӕ Сарабукъы. Дезбарьертӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты, цӕмӕй вирус ма рахӕссой хӕдтулгӕты цӕлхытыл. Дезбарьертӕ ӕрвылбон пырх кӕнынц сӕрмагонд ӕрмӕгӕй", - загъта уый.

Уый ма бафтыдта, уый ӕрмӕст у ӕххуыс рыны апарахат ма руадзынӕн, фӕлӕ фидарӕй нӕ фӕдзӕхсы.

"Вирус хӕссы адӕймаг, хъӕддаг сырдтӕ, фос. Дезбарьер у хъахъхъӕнынады иу ӕууӕл", - бафтыдта уый.