Цхинвал-Къуаиса: Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут

"Цхинвал-Къуаиса" балцы фӕстӕ хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ нывӕндынц басӕттын иууыл дӕрддзӕф веломаршрут "Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik, Чехойты Инга. Ӕнӕниз цардуаг уарзджытӕ, велосипедистты къорд "Крути педали"-йы хайадисджытӕ нывӕндынц басӕттын зынвадат хӕххон маршрут "Цхинвал-Къуаиса". Балц нывӕндынц ауадзын сабаты, 24 июлы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хӕххон къахдзоныгъты спорт ӕмӕ сноуборды федерацийы президент Тедеты Лери.

"Балцмӕ цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты нӕ командӕ ныридӕгӕн ацыд дыууӕ маршрутыл "Цхинвал-Зар-Гуфта-Цхинвал" ӕмӕ "Цхинвал-Бӕгъиатӕ-Цхинвал". Фӕстаг маршруты дӕргъ уыд 86 километры", - радзырдта Тедеты Лери.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалӕй Къуаисамӕ фӕндаг (58 километры) у бирӕ зындӕр, уымӕн ӕмӕ дзы ис вазыгджын фадгуытӕ.

Цхинвал-Къуаиса: Хуссар Иры велосипедисттӕ басӕтдзысты зынвадат хӕххон маршрут

Къорды активисттӕй иу Ольга Михаилиди куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй горӕт Къуаисамӕ балц уыдон равзӕрстой уымӕн, ӕмӕ уый у республикӕйы иууыл аивдӕр бынӕттӕй иу.

Михаилидийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуаисамӕ сӕ фӕндыд ацӕуын фаронӕй фӕстӕмӕ, уыдон сӕхи бафӕлвӕрдтой ӕндӕр маршруттыл ӕмӕ бамбӕрстой, сӕ бон кӕй суыдзӕн.

Ацы маршрутыл ацӕудзысты 20 велосипедистмӕ ӕввахс.

"Цхинвал-Къуаиса" балцы фӕстӕ хуссарирыстойнаг велосипедисттӕй нывӕндынц басӕттын иууыл дӕрддзӕф веломаршрут "Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу".