Лӕварӕй: Дзауы скъола-интернатӕн ног ахуыры азмӕ сараздзысты спортивон зал

Объект ног ахуыры азмӕ ныфс дӕттынц радтын, уыдзӕн дзы найӕнтӕ, тренеры хицӕн кабинет ӕмӕ уӕрӕх зал
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы скъола-интернатӕн ног ахуыры азмӕ сараздзысты спортивон зал. Бӕстыхай амад цӕуы лӕвары хуызы Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банчы хӕрдзтӕй, фехъусын кодта Sputnik ахуырадон уагдоны директор Галуанты Зӕлинӕ.

Арӕзтадон куыстытӕ ныридӕгӕн сты сӕ тӕмӕны.

"Спортивон зал нын рагӕй нӕ уыд. Актон залы архайдтам рӕстӕгмӕ. Мах бахатыдыстӕм Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банчы хистӕр Вадим Шадянмӕ ӕмӕ нын райдыдтой зал аразын. Уымӕй дарддӕр ма ахуырадон уагдоны бӕстыхай дӕр цалцӕг кӕнынц", - загъта уый.

Директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, зал дзупп дӕтдзӕн нырыккон домӕнтӕм.

Активон фӕсивӕдӕн: Цхинвалы районы хъӕуы срӕвдз кӕндзысты спортзал

"Ацы бонты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕрхонгӕ специалистты ӕрцыдмӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕгмӕ. Ныр дӕр арӕзтадон фӕзуатыл нӕ нымӕг кӕны куыст. Мах нымадмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ног ахуыры азмӕ сцӕттӕ уа зал. Уыдзӕн дзы найӕнтӕ, тренеры хицӕн кабинет ӕмӕ уӕрӕх зал", - бафтыдта Галуанты Зӕлинӕ.

Дзауы скъолайы ахуыр кӕны сӕдӕмӕ ӕввахс сывӕллоны. Ахуырадон объект ис посёлочы центры, спортивон зал та арӕзт цӕуы йӕ кӕрты