Парламенты комитет сфидар кодта Гӕджиты Эмилияйы кандидатурӕ ЦӔК разамонӕджы бынатмӕ

Ацы аз июлы фӕцис Централон ӕвзарӕн къамисы ныры сӕргълӕууӕг Плиты Беллайы куысты ӕмгъуыд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл парламентон комитет сфидар кодта Гӕджиты Эмилияйы кандидатурӕ Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) разамонӕджы бынатмӕ. Комитеты рабадт ацы фарсты фӕдыл ацыд ӕртыццӕджы.

Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий барвыста парламентмӕ куырдиат ЦӔК ног сӕргълӕууӕджы кандидатурӕйы фӕдыл. Уый банхъардта ацы бынатмӕ йӕ администрацийы паддзахадон барадон дӕлхайады хистӕр Гӕджиты Эмилияйы. Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг снысан кодта йӕ минӕвӕртты Централон ӕвзарӕн къамисмӕ.

Уымӕй дарддӕр комитет дӕр сфидар кодта йӕ минӕвӕртты ЦӔК-мӕ.

Парламенты сесси, кӕцыйы рӕстӕджы нывӕндынц ӕркӕсын ЦӔК ног сконды фарстмӕ, ацӕудзӕн майрӕмбоны, 23 июлы.