Агъуысты бын: Хуссар Иры столицæйы арæзт цæуы абана

Медицинон уагдоны абанайӕ дарддӕр уадзӕн сауна, фитнес, хосгӕнӕн физкультурӕ ӕмӕ ӕппӕт лӕггӕдтӕ, кӕцытӕ нырыккон уавӕрты сты абанаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 8-ӕм июны уынгыл фидæны абана аразджытæ фæкодтой агъуысты бын. Ам сырæздзæн нырыккон хæсгæнæн центр абанаимæ, фехъусын кодта фидӕны центры разамонӕг, УЗИ-йы дохтыр Тасойты Аза.

Объект арӕзт ӕрцӕудзӕн столицӕйы фыццаг абанайы бынаты, бавнæлдтой йæм ивгъуыд аз сæрды.

"Фыццаг рады амайæм абана, фæлæ ма дзы хъуамæ уа хосгæнæн центр дæр. Йæ арæзтад нын нымад у æртæ азмæ", - загъта уый.
Цы фесты цхинвайлаг абанатӕ

Фидæны центры хицауы ныхæстæм гæсгæ, арæзтад цæуы чысыл фæстиæттимæ.

Уымæй размæ, Тасойты Аза фехъусын кодта, зӕххы фадыг райстой, ахӕм домӕнимæ, цӕмӕй горӕт ма рацух уа абанайӕ. Медицинон уагдоны абанайӕ дарддӕр уадзӕн сауна, фитнес, хосгӕнӕн физкультурӕ ӕмӕ ӕппӕт лӕггӕдтӕ, кӕцытӕ нырыккон уавӕрты сты абанаты.

Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл уӕвӕг зæронд абанайæн йæ куыст раджы ныллæуыд. Бæстыхай дæр уыд мæгуырау уавæры, хæлдта горæты æддаг бакаст. Иу рӕстӕджы ма дзы скусын кодтой хӕдтулгӕты цалцӕджы центр.