Ирон футболист Зæгъойты Алан адарддæр кодта йæ контракт ӔЦСК-имæ

Æрдæгхъахъхъæнæг Ӕфсæддонты централон спортивон клубы ныры онг ахъазыд 375 матчы, бакодта 77 пуртийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Зындгонд ирон футболит Зæгъойты Алан йæ бадзырд Ӕфсæддонты централон спортивон клубимæ адарддæр кодта 2022/23 сезоны кæронмæ, хъусын кæны клубы пресс-службæ.

Дзæгъойты Алан ӔЦСК сконды хъазы æртындæс азы.

"Зæгъойты Алан ӔЦСК-имæ йæ бадзырд адарддæр кодта 2022-2023 сезоны кæронмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æрдæгхъахъхъæнæг Ӕфсæддонты централон спортивон клубы ныры онг ахъазыд 375 матчы, бакодта 77 голы. Зæгъойты Алан у Уæрæсейы æртæ хатты чемпион, цыппар хатты рамбылдта Уæрæсейы Кубок æмæ Суперкубок.