Сабитӕн ссардтой хӕдзар: Цхинвалы районӕй мӕгуыр бинонтӕн радтой хӕдзар столицӕйы

Сылгоймаг йӕ зӕнӕгимӕ цард бынтон ӕвзӕр уавӕрты, стӕй ма сывӕллӕтты 24-аздзыд ныййарӕгӕн разынд йӕ ӕнӕниздзинадимӕ проблематӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны президенты цур сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Цхуырбаты Татьяна баххуыс кодта ӕртӕ сабийы ныййарӕгӕн цӕрӕнуат райсынӕн, кӕцы цӕры Цхинвалы районы.

"Бабӕрӕг ӕй кодтам ӕмӕ федтам ӕртӕ ӕнахъом сывӕллонимӕ сӕ мад цард тыхст уавӕрты, уӕлдай дӕр та сабиты хъомыл кӕнынӕн", - загъта Цхуырбаты Татьяна.
Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ

Омбудсмены ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдонмӕ бинонты уӕззау уавӕры тыххӕй фехъусын кодта Цхинвалы районы ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хайады хистӕр.

Уый ма бафтыдта, сывӕллӕтты 24-аздзыд ныййарӕгӕн мӕ разынд йӕ ӕнӕниздзинадимӕ проблематӕ. Уый бахатыд горӕты администрацимӕ ӕмӕ сын сӕ уавӕр куы федтой, уӕд сын рахицӕн кодтой фатер.