Гӕбӕраты Юрий: абон ирон газет у ирондзинад тауӕг

Майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц дзыллон информацион фӕрӕзты бон, раст ацы бон 1906 азы рухс федта фыццаг ирон мыхуыры фӕрӕз - "Ирон газет"
Sputnik

Ног рӕстӕг ацы бон ссис ДИФ боны бындур, бӕрӕгбон нысан кӕнынц ӕппӕт журналисттӕ - телеуынад, радио, газетттӕ, мыхуыры фӕрӕзтӕ, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ирон газеты традицитӕ дарддӕргӕнӕг "Хурзӕрин". Йӕ редактор Гӕбӕраты Юрий радзырдта Sputnik ацы боны нысаниуӕджы тыххӕй ӕмӕ нырыккон журналистикӕ ӕмӕ ӕвзаджы проблематыл.

- Ирыстоны 1906 рацыд фыццаг "Ирон газет", ацы цауы нысаниуӕг цы уыд уӕды дуджы ӕмӕ абон?

Ирон газет" кӕд бирӕ нӕ фӕцыд, уӕддӕр ныууагъта стыр фӕд ӕмӕ нымад цӕуы фыццагыл. Ацы бӕрӕгбон саразын дӕр нӕхи хъуыды уыд, раргом ӕй кодтам хицауады рабадтыл. Уымӕн ӕмӕ Советон хицауад нал уыд, йӕ бӕрӕггбон дӕр нал уыд. Уӕд сбӕлвырд кодтам фыццаг ирон газеты рацыды бон равзарын. Мӕ хъуыдыйыл сразы сты. Ӕз бӕрӕгбонтӕ нысан кӕнын уадиссаг нӕ уарзын, ахсджиагылдӕр нымайын кусын. Бӕрӕгбон та у зӕрдылдарынӕн. Раст куы зӕгъӕм, уӕд йӕ тых сафы, уымӕн ӕмӕ интернет тыхджындӕр кӕны. "Хурзӕрин" нæ, фæлæма ӕгӕрыстӕмӕй бынӕттон интернет фӕрӕзтӕй дӕр фӕраздӕр вӕййынц дам-думтӕ ӕмӕ социалон хызӕгтӕ. Мыхуыыр фӕрӕзтӕ нал ӕййафынц уыдоны.

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ДИФ кусджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл

Фæлæ уыцы рӕстӕг ирон адӕмӕн ӕндӕр ницы уыд, кӕцы хастаид рухсад. Стӕй уый фӕстӕ, ам Хуссары цалынмӕ "Хурзӕрин" рацыд 1924 азы, уæдмæ нӕ уыд рухсадон уагдон - нӕдæр телеуынад, нӕдӕр театр, нӕдӕр радио. "Хурзӕрин" у Хуссар Ирӕн йӕ фыццаг ахуыргӕнӕг. Ӕз ма ӕрӕййӕфтон Джиоты Гаврушы, уый фӕцард йӕ 104 азы ӕмӕ-иу уый мысыд. Уыдон иу газет сӕхӕдӕг парахат кодтой, мызды бӕсты та сын уыд сӕкӕры къӕртт, алкӕцы хӕдзаронӕй.

Абон ирон газетӕн йӕ нысан ӕрмӕст информаци хӕссын нӕу, фӕлӕ ма у ирондзинад тауӕг. Ӕз нымайын уый сӕйрагдӕр у, информаци ис интернеты дӕр ӕмӕ уырыссагау цы мыхуыры фӕрӕзтӕ кусынц, уым дӕр. "Хурзӕрин" у ирон æвзаг ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттӕ парахатгӕнӕг.

- Ирон ӕвзаджы проблема актуалон у фӕстаг азты Хуссар Ирыстоны дӕр. Куыд хъуыды кӕныс ирон газет цас бӕрц ӕххуыс у ацы хъуыддагӕн?

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр журналисттӕ 2020 азы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ

Газет ӕрмӕст ӕххуыс у уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ уадзы рох кӕнын ӕмӕ зӕрдыл дары ирон ӕвзаг, кӕй ис. Афтӕ мачи дзурӕт, рӕвдауӕндоны, науӕд скъолайы аххос у. Ирон ӕвзагӕй цалынмӕ официалон ӕмвӕзадыл пайда кӕной, цалынмӕ сывӕллон телеуынадмӕ кӕсгӕйӕ уына президент, депутат, директор уӕртӕ сыгъдӕг иронау сӕ хъуыддагыл дзурынц, уӕдмӕ йӕ нӕ бауарздзысты. Сывӕллон ӕй хъомӕ уына, мадӕлон ӕвзаг хъуыддаджы ӕвзаг у, науӕд йӕ цӕсты нӕ ахады. Алы сывӕллон дӕр ӕй хъуамӕ зона, ахуыр куы фӕуа, мӕ йе 'взаг куыннӕ зона, уӕд йын уыдзӕн кусын зын.

- Ивгъуыды Ды куыстай закъондӕттӕг органы. Барадон фадыджы ДИФ-ӕн цы ис аиуварс кӕнинаг ?

Цыдӕриддӕр уыд, уыдон парламенты мӕ куысты рӕстӕджы иуварс ӕрцыдысты. Рахастам цыппар закъоны бӕрц. Уым сӕйраг у бӕрнон кусӕг хӕсджын кӕй у, цӕмӕй журналистӕн афоныл информаци дӕтта.

-Абон журналисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бон, цы зӕгъдзынæ абон Дæ коллегатӕн?

Хуссар Ирыстоны ӕппӕт журналисттӕн, ӕппӕт реакцитӕн мӕ фӕнды зӕгъын - сӕдӕ аз иу хатт иу нӕ бахъӕуӕт ӕвзӕр информаци дӕттын ӕмӕ ӕдзух та хорз хабӕрттӕ фидиуӕг уӕт.