Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 48 ног рынчыны коронавирусӕй

Бон раздӕр коронавирус сбӕрӕг кодтой республикӕйы 38 цӕрӕгӕн, пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19 рабӕрӕг кодтой 4037 адӕймагӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 48 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik майрӕмбоны республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 191 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 48 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 14 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 471 пациенты", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 бахӕцыд 4037 адӕймагыл, уыдонӕй 3566 сӕнӕниз сты. Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 27 072 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын. Югосетпотребнадзоры кусджытӕ иудадзыг уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объектты ӕмӕ республикӕйы организациты, цӕмӕй басгарой оперативон штабы барфысттӕ куыд ӕххӕст цӕуынц, уый.