Кокойты Маирбег ацыд РБМЦ директоры бынатӕй

Медицинон уагдоны директоры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн республикон рынчындоны урологийы дӕлхайады хистӕр Джиоты Виталий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) директор Кокойты Маирбег ацыд йӕ бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.

Приоритеты - коронавирусӕй рынчынтӕ: ӔХМ сӕргълӕууӕг инфекцион рынчындоны резервы тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Кокойты Маирбег ныффыста куырдиат йӕ бынат ссӕрибар кӕныны фӕдыл, министрады къухдариуӕгад йӕм ӕркаст ӕмӕ аскъуыддзаг кодта ссӕрибар кӕнын РБМЦ директоры йӕ бынатӕй.

"Фидӕны Кокойты Маирбег слӕудзӕн медицинон кластеры хирургон здӕхтытӕй иуы сӕргъ. Ӕз йын загътон бузныг йӕ куысты тыххӕй ӕмӕ йын мӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ йӕ куысты фадыджы, кӕцыйы уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у бӕрзонд квалификациимӕ специалист", - загъта Наниты Сослан.

Медицинон уагдоны директоры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн республикон рынчындоны урологийы дӕлхайады хистӕр Джиоты Виталий.

Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕндӕр кадрон скъуыддзӕгтӕ нӕ рахастой.