Ис дзы бирӕ хӕрзиуӕг ӕмӕ позитив: Хъодалаты Марияйӕн рацӕудзӕн ног зарӕг

Зарӕг музыкалон фӕзуӕттыл рацӕудзӕн 30 июлы. Композици суыдзӕн цыппӕрӕм Джиоты Любаимӕ сӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-йӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Хъодалаты Мария рахӕсдзӕн йӕ табугӕнджыты размӕ ног зарӕг "Хурӕн зарыд мӕй". Зарӕггӕнӕг Sputnik куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй зарӕг ӕппӕт музыкалон фӕзуӕттыл дӕр рацӕудзӕн 30 июлы.

"Кӕмӕдӕрты чизоны афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ӕнкъард зарӕг у, фӕлӕ йӕм дзӕбӕх куы байхъусай, уӕд дзы ис бирӕ хӕрзиуӕг ӕмӕ позитив. Куы зарын ацы зарӕг, уӕд мӕм ӕрмӕстдӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры", - банысан кодта Мария.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зарӕджы дзырд цӕуы адӕймагӕн йӕ царды нысӕнтты тыххӕй, уый та, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг ахсджиаг у.

Хъодалаты Марияйы сфӕлдыстадон изӕр аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ

Зарӕггӕнӕг ма бахахх кодта, композици суыдзӕн цыппӕрӕм Джиоты Любаимӕ сӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-йӕ. Альбомы ӕдӕппӕт уыдзӕн аст зарӕджы.

"Зарӕг дӕр, куыд ӕнӕхъӕн альбом, нывонд у уарзондзинадӕн", - бафтыдта уый.

Хъодалаты Мария – ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты автор. Цалдӕр азы размӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг ныффыста йӕ фыццаг клип "Ӕз бузныг дӕн" зарӕгмӕ. Уый ӕрхаста Марияйӕн канд Хуссар Ир ӕмӕ Цӕгат Иры нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕйнаг хъусджыты уарзондзинад дӕр.