ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл 19-йӕ 26-ӕм июльмӕ сбӕрӕг кодтой авд шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд фондз фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн амард Цхинвалы цӕрӕг, ноджы иу адӕймаг та райста буары цӕфтӕ. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 267 фӕткхалды.
Республикӕйы территорийыл иу къуыримӕ регистрацигонд не ‘рцыд фыдракӕндтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрндзинадмӕ дыууӕ адӕймаджы.