Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой 25 ног рынчыны коронавирусӕй

Бон раздӕр коронавирусон инфекци рабӕрӕг кодтой республикӕйы 63 цӕрӕгӕн, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй низ бахӕцыд 4125 адӕймагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ивгъуыд суткӕйы Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 25 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы ацӕугӕ бон сарӕзтой 164 ПЦР-иртӕсты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны тыххӕй.

"Ивгъуыд суткӕйы ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 25 тесты. Медицинон хыгъдӕй систой 10 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты республикӕйы 536 цӕрӕджы.

Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 27 567 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. COVID-19 бахӕцыд 4125 адӕймагыл, уыдонӕй 3589 сӕнӕниз сты.