Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр басгӕрста дӕрддзӕф хъӕуты медуагдӕттӕ

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры балцы рӕстӕджы аскъуыддзаг кодтой цалдӕр проблемӕйы, сӕ нымӕцы фельдшерон-акушерон пункты донифтонгады фарст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл – Sputnik. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан басгӕрста дохтырон амбулатори Синагуры хъӕуы ӕмӕ фельдшерон-акушерон пункт Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Теделеты хъӕуы.

Приоритеты - коронавирусӕй рынчынтӕ: ӔХМ сӕргълӕууӕг инфекцион рынчындоны резервы тыххӕй

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Наниты Сослан базонгӕ медицинон уагдӕты куысты уавӕртӕ ӕмӕ проблемӕтимӕ. Министр бынаты радта фӕдзӕхсттӕ, цӕмӕй аиуварс кӕной организацион моменттимӕ баст проблемӕтӕ.

"Медицинон персоналимӕ фембӕлды рӕстӕджы Наниты Сослан байхъуыста фӕндонтӕм, кӕцытӕ ӕнӕмӕнг сты дохтырон амбулатори ӕмӕ фельдшерон-акушерон пункты куыстӕн", - загътой пресс-службӕйы.

Уымӕ дарддӕр, Дзауы районы администрациимӕ ӕмархайгӕйӕ, аскъуыддзаг кодтой Теделеты хъӕуы фельдшерон-акушерон пункты донифтонгады проблемӕ. Афтӕ ма, медицинон уагдон сифтонг кодтой хостӕй.