Джиголаты Хасан: системӕ "Ӕдас горӕт" скусдзӕн Цхинвалы 2021 азы кӕрӕттӕм

Проект "Ӕдас горӕт" реализаци ӕрцӕудзӕн ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын цӕстдардон камерӕты фӕрцы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Системӕ "Ӕдас горӕт" скусдзӕн Цхинвалы 2021 азы кӕрӕттӕм. Уый тыххӕй йӕ пресс-конференцийы Sputnik фехъусын кодта Хуссар Иры бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан.

Хуссар Иры МХМ радзырдтой, куыд арӕзт цӕудзӕн Цхинвалы проект "Ӕдас горӕт"

"Азы кӕронмӕ цӕрӕн пункт Рукъы онг фӕнд кӕнӕм ауадзын камерӕтӕ, хъусынгӕнӕн системӕ", - банысан кодта уый.

Комплексон автоматизацигонд информацион системӕ "Ӕдас горӕт" реализаци ӕрцӕудзӕн ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын цӕстдардон камерӕты фӕрцы. Йӕ сӕхӕст кӕныныл республикӕйы кусын райдыдтой цалдӕр азы размӕ.

Комитеты сӕргълӕууӕг ма пресс-конференцийы радзырдта, аналогон телеуынынад Хуссар Ирыстоны кӕй нал кусдзӕн 2022 азӕй фӕстӕмӕ.