Хуссар Иры вице-премьер фехъусын кодта уӕлбар кредиттӕ дӕттыны дыккаг этапы тыххӕй

Чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн республикӕйы уӕлбар кредиттӕ дӕттынц 2018 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз хицауад ныридӕгӕн рахицӕн кодта 28 милуан сомы бизнес-проекттӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕввахс рӕстӕджы райдайдзӕн чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадӕн уӕлбар кредиттӕ дӕттыны дыккаг этап, кӕцы ӕххӕст цӕудзӕн 2018 азы хӕстӕй фӕрӕзты руаджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры расидтысты конкурс хатырон кредит райсыны фӕдыл

Уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл закон райстӕуыд 2018 азы марты. Уӕд 49 амалиуӕггӕнӕджы ӕдӕппӕт райстой 21 милуан сомы.

"2021 азмӕ уӕлбар кредиткӕнынадӕн суммӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр ӕмӕ у 49 милуан сомы. Азы райдайӕнӕй 28 милуан сомы райстой 43 амалиуӕггӕнӕджы. Уӕлбар кредиткӕнынады программӕйы цы механизм ис, уый руаджы популярондӕр кӕнынц экономикӕйы приоритетон къабазтӕ: хъӕууон хӕдзарад, рауагъдад, туризм, медицинӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон хӕлцад", - радзырдта вице-премьер – экономикон райрӕзты министр Тадтаты Дзамболат.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлбар кредиттӕ райсыны дыккаг этапы фӕлгӕтты куырдиаттӕ ист фесты 5 июлы, Экономикон райрӕзты министрадмӕ ӕрбацыд 37 бизнес-проекты. Уыдонмӕ ӕркӕсдзӕн уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл Фонды совет.

Министрты кабинеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, 2018-2020 ӕзты уӕлбар кредиттӕ райстой 157 амалиуӕггӕнӕджы 76,5 милуан сомы бӕрц. Уыдонӕй 111 субъекты – хъӕууон хӕдзарады фадыджы; 20 субъекты – рауагъдады фадыджы; 16 субъекты – лӕггӕдты фадыджы; 10 субъекты – базарады фадыджы.