"Базырджын ӕфсады" бӕрӕгбон: УДӔ бон Хуссар Иры - къамтӕ

Sputnik

Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райстой республикæйы президент Бибылты Анатолий, УДӔ ветерантæ æмæ Маргеловы номыл Рязаны уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны хуссарирыстойнаг курсанттæ.

Президент раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны фæдыл ӕмӕ радта ветерантæ æмæ ныры десантниктæн юбилейон майдантæ Уæрæсейы УДӔ къухдариуæгадæй. Уымæй дарддæр ветерантæй иуы схорзæхджын кодтой хуссарирыстойнаг майданæй "За ратный труд во имя мира".

Хорзæхкæныны церемонийы фæстæ æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ столицæйы Ӕнусон артмæ æмæ систой иумæйаг къам.

Мадзал балхынцъ ис традицион автозгъордæй Хуссар Ирыстон æмæ УДӔ тырысатимæ. Йæ сæргъ лæууыд республикæйы президент.

1 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
2 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
3 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
4 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
5 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
6 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
7 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
8 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
9 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
10 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
11 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
12 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры
13 / 14
День ВДВ в Южной УДӔ бон Хуссар Иры
14 / 14
УДӔ бон Хуссар Иры