Хуссар Иры иу къуыримӕ ӕрцыд дыууӕ аварийы, бахъыгдард сты ӕртӕ адӕймаджы - МХМ

Ивгъуыд къуырийы барадхъахъхъӕнӕнг органты кусджытӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрурӕдтой фондз нозтджын шофыры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 26 июлӕй 2 августмӕ ӕрцыд дыууӕ аварийы, уыдон фӕстиуӕгӕн хъыгдард баййӕфтой ӕртӕ адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕрцыд авари: ис зианбаййафджытӕ

"Уымӕй дарддӕр ПАИ ӕмкусджытӕ фӕндагон змӕлды фӕтк хъахъхъӕнынӕн нывонд мадзӕлтты рӕстӕджы сфидар кодтой 234 фӕткхӕлды. Фондз шофыры ныхмӕ сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ, хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй кӕй скъӕрдтой, уый тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма ноджы банысан кодтой, иу къуыримӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнджытӕ кӕй срегистраци кодтой ӕртӕ фыдракӕнды, уыдон иууылдӕр ӕрцыдысты ӕргом. Афтӕ ма алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй Цхинвалы ӕрурӕдтой дыууӕ адӕймаджы, сӕ ныхмӕ рахастӕуыд административон бӕрндзинад.