ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадий райста ӕмбӕстӕгты, хицауады сӕрдармӕ алыгъуызон проблемӕтимӕ бадзырдтой 14 адӕймаджы, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.
Ӕмбӕстӕгты фарстытӕ баст уыдысты куыст, цардуагон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ кӕртыты хӕрзарӕзтадимӕ.
Бекъойты Геннадий дзырд радта, куырдиӕттӕм иууылдӕр лӕмбынӕгӕй кӕй ӕркӕсдзысты.
"Куы бахъӕуа, уӕд районон хицауадмӕ барвитдзысты бафарст, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной проблемӕтӕ. Тынг ахсджиаг у хъус ӕрдарын алкӕцы проблемӕмӕ дӕр", - банысан кодта премьер.
Ӕмбӕстӕгты кӕцыдӕр проблемӕтӕ аскъуыддзаг кодтой бынаты, аннӕты фӕдыл радтой консультацитӕ ӕмӕ рекомендацитӕ.