ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæфылдæр кодтой фæцæрыны минимумы бæрц 2021 азы дыккаг кварталы, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
"Уагæвæрды проектмæ гæсгæ, фæцæрыны минимум иу адæймагæн 2021 азы дыккаг кварталы ссис 12 411 сомы, социалон-демографион къордтæм гæсгæ: куыстхъом адæмæн -13 242 сомы; пенсионертæн – 10 066 сомы; сабитæн -13 262 сомы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Пресс-службæйы банысан кодтой, ивгъуыд кварталы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæцæрыны минимумы бæрц фæфылдæр ис 404 (3,36 %); куыстхъом адæмæн –300 сомы (2,32 %); пенсионертæн –260 сомы (2,65 %); сабитæн – 266 сомы (2,05 %).
Бæрæггæнæнты фæфылдæр баст у хæлцадон продуктты æргъты змæлдимæ, бафтыдтой хицауады.
Рабадты рæстæджы ивындзинæдтæ хаст æрцыд "2021 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты фæдыл" законмæ.
Уымæй дарддæр хицауады уæнгтæ рахастой фæндон Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды ном раивын Хуссар Ирыстоны Социалон фондмæ.