ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг, Европӕйы ӕртывӕр чемпион Найфонты Артур фембылд Олимиаг хъӕзтыты-2020 ӕрдӕгфиналы Токиойы.
Олимпиаг турниры ӕрдӕгфиналы 86 килограммы онг уӕзы категорийы ирон богалы ныхмӕлмууӕг уыд ирайнаг спортсмен Хассан Язданишариати.
Раздӕр Найфонты Артур рамбылдта дунейы вице-чемпион Словакийӕ, йе 'мзӕххон Макъоты Борисы - 6:0 ӕмӕ туркаг спортсмен Османа Гочены - 12:1.
Олимпиадӕйы бронзӕ майданы тыххӕй ирон богал стох кӕндзӕн Узбекистан ӕмӕ Швейцариы спортсменты хсӕн тохы фӕуӕлахизуӕвӕгимӕ.
Токиойы олимпиадӕ ахастӕуыд иу аз фӕстӕдӕр пандемийы тыххӕй ӕмӕ уагъд цӕуы 23 июлӕй 8 августы онг. Уый нымад у иууыл егъаудӕрыл спорты хуызты нымӕцмӕ гӕсгӕ - 33 ӕмӕ категоритӕм гӕсгӕ - 339. Хайад сӕ исынц 19 мин спортсмены онг. Олимпиадӕ цӕуы ӕнӕ фӕсарӕйнаг кӕсджытӕй.