Сидахъты Зауырбег ахызт Олимпиаг хъæзтыты финалмæ

Æрдæгфиналы 74 килограммы уæзы 25-аздзыд ирон атлеты ныхмæлæууæг уыд Казахстаны минæвар Динияр Кайсанов. Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik, Хъуылымбегы Азæмæт. Уæрæсейаг хъӕбысӕйхӕцӕг, дунейы дыууæ хатты чемпион Сидахъты Зауырбег рамбылдта йæ тох Олимпиаг хъæзтыты æрдæгфиналы æмæ стох кæндзæн турниры сызгъæрин майданыл.

Æрдæгфиналы 74 килограммы уæзы 25-аздзыд ирон атлеты ныхмæлæууæг уыд Казахстаны минæвар Динияр Кайсанов. Сидахъты Зауырбег рамбылдта 11:0 хыгъдæй.

Сидахъты Зауырбег ахызт Олимпиаг хъæзтыты финалмæ

Уымæй размæ, Сидахъты Зауырбег турниры финалы 1/8 хайы 2 минут 22 уысммæ рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы 12:2 хыгъдæй, финалы цыппæрæм хай та ныддæрæн кодта Узбекистаны хъæбысæйхæцæг Бекзод Абдурахмоновы 13:6 хыгъдæй.

Аннæ ирон богал Сергей Козырев, кæцы архайдта 125 килограммы уæзы категорийы нæ ахызт стартон этапæй, уый фембылд ис китайаг богал Дэн Чживэйæн. Уый нал бахауд бронзæйон майданыл претендентты нымæцмæ дæр, уымæн æмæ йæ ныхмæлæууæг дæр фæхæрд ис радон тохы.