Югосетпотребнадзоры загътой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19 фӕдыл

Бог раздӕр коронавирус рабӕрӕг кодтой республикӕйы 46 цӕрӕгӕн, ӕдӕппӕт та пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ фӕрынчын сты 4371 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фæстæг суткæ коронавирус сбæлвырд кодтой 24 адæймагæн, фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕртыццӕджы ӕдӕппӕт сарæзтой 220 тесты COVID-19 рафӕлгъауыны тыххӕй.

"Иу суткӕмӕ æвæрццаг бæрæггæнæнтæ равдыстой 24 адӕймагӕн. Ацы бон ма медицинон хъусдардæй систой 20 адæймаджы", - загъта уый.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 29 минӕй фылдӕр иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4371. Сӕнӕниз сты 3736 пациенты. Дохтырты хъусдарды бын та нырма сты 635 рынчыны.