Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Ирон спортсмен майрӕмбоны сыгъзӕрины сӕраппонд ныхмӕлӕуды стох кодта Белоруссийы минӕвар Магомедхабиб Кадимагомедовимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Сидахъты Зауырбег рамбылдта Олимпиадӕ-2020-ы сыгъзӕрин.

Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Ирон спортсмен майрӕмбоны сыгъзӕрины сӕраппонд ныхмӕлӕуды стох кодта Белоруссийы минӕвар Магомедхабиб Кадимагомедовимӕ. Уый ӕппӕт тохы рӕстӕджы дӕр йӕхи ӕвдыста хъаруджындӕрӕй ӕмӕ рамбылдта 7:0 хыгъдӕй. Ацы уӕлахиз ӕрхаста ноджы иу сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды хӕзнадонӕн.

Уымӕй размӕ Зауырбег радгай рамбылдта Гвинея, Узбекистан ӕмӕ Казахстаны минӕвӕртты.

Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Уӕрӕсейы спортивон кад XXXII сӕрдыгон Олимпиан хъӕзтыты Токиойы хъахъхъӕнынц аст ирыстойнаг спортсмены: дзюдоисттӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ӕмӕ Хуыбецты Алан, уӕззауатлетНаниты Тимур, барӕг Андрей Митин, теннисист Хъӕрӕцаты Аслан, богалтӕ Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур ӕмӕ Сергей Козырев.