Цӕгат Иры хӕхты амард альпинисткӕ Томскӕй: уагъд цӕуы басгӕрст

Томскӕй альпинисткӕ амард йӕ сӕры цӕфы фӕстиуӕгӕн, кӕцы уый райста Алагиры районы хохмӕ хӕрдмӕсцыды рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хӕхты Томскӕй альпинисткӕйы мӕлӕты фӕдыл райдыдтой басгӕрст. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости республикон фӕдагуырды комитетыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

"Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц сгарӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты цауы ӕууӕлтӕ раргом кӕнынмӕ. Басгӕрсты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ райсдзысты процессуалон скъуыддзаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

5 августы, 11 сахатмӕ ӕввахс, фондз адӕймаджы скондӕй къорд бахаудта дурты ӕркалды бын Алагиры районы хӕрдмӕсцыды рӕстӕджы. Уый фӕстиуӕгӕн Томскы 23-аздзыд цӕрӕг райста буары цӕфтӕ, кӕцытӕй уый амард бынаты.