ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ Фыдыбӕстӕ Хъахъахъӕнӕджы цыртмӕ.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны уагъд цӕуынц мысӕн мадзӕлттӕ 2008 азы гуырдзиаг агрессийы 13-ӕм афӕдзы боны фӕдыл.
Дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы хайад райстой президент Бибылты Анатолий, Абхаз ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны делегациты минӕвӕрттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ.
Абон ма дидинтӕ сӕвӕрдтой Уӕрӕсейы Фидауынгӕнӕг тыхты раздӕры бӕстыхайы территорийыл дӕр.