Абхазы президент балхынцъ кодта йӕ фыццаг официалон балц Хуссар Ирмӕ

Къуырисӕры Аслан Бжания йӕ балцы фӕлгӕтты бабӕрӕг кодта Абхазы минӕварад Цхинвалы ӕмӕ ӕрныхас кодта йе ‘мбӕстӕгтимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik, Козаты Диана. Абхазы президент Аслан Бжания балхынцъ кодта йӕ балц Хуссар Ирыстонмӕ. Уый уыд абхазаг лидеры фыццаг балц ӕфсымӕрон республикӕмӕ.

Аслан Бжания бабӕрӕг кодта абхазаг минӕварад Цхинвалы

Абхазы делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 6 августы, цӕмӕй хайад райса 2008 азы августы хӕстӕн нывонд мысӕн мадзӕлтты. Йӕ ацыды размӕ абхазаг лидер фембӕлд республикӕйы минӕваримӕ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланимӕ.

Аслан Бжания ӕмӕ йӕ делегацийы уӕнгтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ. Хуссарирыстойнаг лидер балӕвар кодта йӕ абхазаг коллегӕйӕн фотоальбом, кӕцы арӕзт ӕрцыд Бжанийы фыццаг балцы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ.

Абхазы президенты цытӕн Театралон фӕзуатыл рӕнхъытӕй слӕууын кодтой цытджын хъарагъул.

Абхазаг делегацийы балц адаргъ ис ӕртӕ боны. Ацы рӕстӕгмӕ ацыд дыууӕ президенты баныхас, делегациты фембӕлд. Фарсытӕ бадзырдтой райтынг кӕнын ӕмгуыстад алы фадыджы дӕр.