Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы дунейы чемпионаты ММА-йӕ

Ерысты уӕлахиздзау ссис Хъотайты Дэвид, ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Одтаты Артур ӕмӕ Къӕбулты Хъазбег
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ рамбылдтой иу сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист майданы дунейы чемпионаты ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй ММА-Free Fighting "UNITY 2021", хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры рог атлетикӕйы федераци цӕттӕ кӕндзӕн паралимпиаг спортсментӕ

Турнир Чолпон-Ата "Республикӕ Кыргызтан" ӕрӕмбырд кодта иу мин спортсменӕй фылдӕр ӕппӕт дунейӕ. Free Fighting техникӕ у тохтӕ, цы ран ис минималон арӕнӕвӕрдтӕ.

"Ерысты уӕлахиздзау ссис Хъотайты Дэвид, ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Одтаты Артур ӕмӕ Къӕбулты Хъазбег", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим ӕмӕ Бестауты Азӕмӕт.