Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Республикӕйы фӕстаг бонты къаддӕр кӕны коронавирусӕй ног рынчынты нымӕц, пандемийы райдайӕнӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 4454 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 авг— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 16 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы къуырисӕры сарӕзтӕуыд 186 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл.

"Иу суткӕмӕ ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыста 16 адӕймагӕн, медицинон хыгъдӕй систой 12 ӕмбӕстаджы. Медикты хъусдарды бын сты 473 пациенты", - банысан кодта Коцты Марина.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 30 042 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4454. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3781 пациенты.