Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 51 ног рынчыны коронавирусӕй

Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 4505 фӕрынчынуӕвӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы коронавирус сбӕрӕг кодтой 51 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр бахӕс кодта басгарын туаггуыры хызӕгтӕ

"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы дыццӕджы сарӕзтой 204 тесты, уыдонӕй 51 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 20 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 704 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 30 246 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4505. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3801 пациенты.