Уӕ куыст – паддзахады райрӕзты индикатор: президент раарфӕ кодта Хуссар Иры аразджытӕн

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта аразджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ банысан кодта сӕ хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны цӕрджыты царды гъӕд фӕхуыздӕр кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik. Аразджыты куыст у паддзахады райрӕзты индикатор ӕмӕ ахъаз у Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты царды гъӕд фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн, фехъусын кодта йӕ арфӕйы Аразӕджы боны цытӕн президент Бибылты Анатолий.

"Уӕ архайд ӕмӕ квалификацийы руаджы ӕнтыстджынӕй реализаци цӕуы Инвестицион программӕ. Стыр куыст ӕххӕст цӕуы, цӕмӕй арӕзт ӕмӕ цалцӕг ӕрцӕуой ахсджиаг объекттӕ, цӕрӕнуат ӕмӕ фӕндагон-транспортон инфраструктурӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Президент ма бафтыдта, аразӕг кӕй у иууыл хъӕугӕдӕр проффеситӕй иу республикӕйы ӕмӕ фидарӕй загъта, сӕ куытуарзын, бӕрндзинад ӕмӕ курдиат ахъаз уыдзысты Хуссар Ирыстоны райрӕзтӕн