Сидахъты Зауырбегæн ратдзысты цыппар милуан сомы Олимпиадæйы уæлахизы тыххæй

Уымæй размæ олимпаг хъæзтыты уæлахиздзауы Уæрæсейы президент схорзæхджын кодта Хæларады орденæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзауæн Сидахъты Зауырбег райсдзæн цыппар милуан сомы сызгъæрин майданы тыххæй, кæцы рамбылдта Токиойы. Финансон фæрæзтæ раттыны тыххæй барамынд бафыста хицауады сæрадар Михаил Мишустин.

"Документмæ гæсгæ сызгъæрин майданы хицæуттæ исынц цыппар милуан сомы, æвзист -2,5 милуан сомы æмæ бронзæ та -1,7 милуан сомы. Æнгæс премитæ æнхъæлмæ кæсынц Паралимпийаг хъæзтыты уæлахиздзау æмæ призертæм дæр", - хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Тренертæ æмæ специалисттæ, кæцытæ хайад истой спортсменты цæттæкæныны куысты, уыдон дæр райсдзысты æхцайы премитæ.

Сидахъты Зауырбег ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Сидахъты Зауырбег æрхаста Уæрæсейы æмбырдгондæн 17-æм сыгъзæрин майдан. Богал аскъуыддзаг кодта йæ уæлахиз снывонд кæнын йе 'мзæххон спортсменæн, кæцыйы цард трагикъон æгъдауæй аскъуыд 2013 азы

Къудухты Бесик - иууыл зынгæдæр æмæ хъаруджындæр хъæбысæйхæцджытæй иу. Уый фæмард ис 2013 азы фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн. Цыдис ыл æрмæстдæр 27 азы.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссынц уынгтæ Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны.