Хуссар Иры Ӕнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад исы специалистты

Æрæджы æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ социалон рæзты министрад ныммыхуыр кодта хъусинаг æнæниздзинадхъахъхъæнынады фадыджы сæрибар бынæтты конкурсы тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Ӕнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ социалон рæзты министрад хъусын кæны 19 сæрибар бынаты тыххæй квалификациджын специалисттæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты нывæзт аргъæвтой фæрæзты цухдзинады тыххæй

Уымæй размæ министрад фехъусын кодта 150 бынаты тыххæй. Уæд министрады разамынад æрисидт бынæттон специалисттæм, кæцытæ раздæр ацыдысты республикæйæ, сæхицæн куыстбынæттæ кæй не ʻссардтой, уый аххосæй.

Сæ официалон фарсыл Facebook-ы номхыгъды ис куыд техникон бынæттæ, афтæ дохтырты æмæ административон кусджыты бынæттæ.

"Ӕппæт инструкцитæ анкеттæ æмæ резюметæ радтыны фæдыл бæрæг кæнут раздæры хъусинæгты нæ официалон фарстыл Facebook, Telegram, Instagram", - загътой пресс-службæйы.

Сæрибар бынæтты тыххæй информаци ног кæндзæн.