ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд авд фæндагон-транспортон цауы, аваритæй иуы фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
9-16 августы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рабæрæг кодтой фæндагон змæлды фæткы 180 фехæлды, æртæ шофыры та хæдтулгæтæ скъæрдтой нозтджынæй.
Уымæй дарддæр ма иу къуыримæ срегистраци кодтой иу фыдракæнд, кæцы уайтагъддæр рабæрæг кодтой мидхъуыддæгты органты кусджытæ.Алыгъуызон фæткхæлдты тыххæй бæрнмæ æркодтой цалдæр адæймаджы, се хсæн наркотикон буарæдты æнæзаконон пайдакæнынады тыххæй дæр.