Цъус бæлццæттæ: Цхинвалы районы хъæутæм ног рейс сæхгæдтой фæстæмæ

Уæлæмхас рейс Цхинвал-Къохат-Дменис бакодтой къуырийы размæ районы разамынады æнхъарæнмæ гæсгæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы цалдæр хъæумæ ног изæрыгон рейс аивтой фæстæмæ, бæлццæттæ дзы кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уый тыххæй Sputnik радзырдта автотранспортон управленийы хистæр Дудайты Альберт.

Хуссар Иры Знауыры районы фӕндӕгтыл сӕвӕрдзысты ӕхгӕд автобусон ӕрлӕууӕнтӕ

Уæлæмхас рейс Цхинвал-Къохат-Дменис бакодтой къуырийы размæ районы разамынады æнхъарæнмæ гæсгæ, кæцымæ раздæр бахатыдысты цалдæр хъæуы цæрджытæ.

"Уæлæмхас изæрыгон рейс бакодтам районы разамынады æнхъарæны фæстæ. Къуыри куыста æмæ дзы тынг цъус адæм кæй цыд, уымæ гæсгæ йæ фæстæмæ сæхгæдтам. Уагдонæн уый бæрц авналæнтæ нæй æмæ иу кæнæ дыууæ адæймаджы тыххæй дара сæрмагонд рейс", - загъта Дудайты Альберт.

Цхинвалы районы Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы рдæм цæуы дыууæ рейсон автобусы - райсом æмæ сихорыл.