Цхинвайлаг боксер стох кæндзæн Беслæны зынгхуыст хъайтары номарæн турниры Липецкы

Гом номарæн турнир нывонд уыдзæн къорд "Альфа"-йы дзæнæттаг кусæг Олег Лоськовæн, кæцы фæмард ис Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы теракты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Коцты Артур стох кæндзæн къорд "Альфа"-йы дзæнæттаг кусæг Олег Лоськовы номарæн гом турниры, кæцы фæмард ис Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты рæстæджы амынæты адæмы ирвæзынгæнгæйæ.

Хуссарирыстойнаг боксер ауагъта ӕнтыстджын дебют Европӕйы фыццагады

Коцты Артур у æрыгон боксер, у 2006 азы гуырд. Нырма егъау турнирты нæ расгуыхт, фæлæ ис, стыр æнтыстытæ чи аразы, уыдон нымæцы. Пандемийы аххосæй ерыстæм нæ цыд азы æргъы.

Боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбеджы ныхæстæм гæсгæ, спортуарзджытæ фехъусдзысты ацы азæй фæстæмæ лæппуйы æнтыстыты тыххæй.

"Гом турнир цæуы Липецкы областы, горæт Елецы. Рагæй нæ хонынц ацы турнирмæ, уымæн æмæ сæрмагонд нысаниуæджы къорд "Альфа"-йы уæнг фæмард Ирыстоны сабиты ирвæзынгæнгæйæ", - загъта Кокойты Ирбег.

Альфа"-йы дзæнæттаг кусæг Олег Лоськовы номарæн гом турнир цæудзæн 23-28 августы.