Доны хӕтӕлыл аварийы тыххæй Цхинвалы иу хай баззад æнæ донæй

Аварийы аххосӕй ӕнӕ донӕй баззад Цхинвалы цӕгаттаг фарс - ацы микрорайонтӕм вæййы ӕнӕрлӕугӕ донифтонгад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытӕ иуварс кӕнынц авари доны хаххыл, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Донуадзӕн Уанат-Цхинвал скусдзӕн ӕххӕст гуырахстӕй 2021 азы

Аварийы аххосӕй Цхинвалы иу хай  баззад ӕнӕ донӕй - цӕгаттаг микрорайонтӕм ис ӕнӕрлӕугӕ донифтонгад.

"Знон ӕмӕ абон бонӕй кусджытӕ архайынц авари аиуварс кӕныныл. Доны хӕтӕл аскъуыд столицӕйы Сырх дзуармӕ хӕстӕг. Куыстытӕ сӕххӕст кӕныны нысанӕн къуырисӕры ӕмӕ дыццӕджы бонӕй донифтогад ахицӕн кодтой", - загъта пресс-службӕйы кусӕг Коцты Зӕринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыддӕр куыстытӕ сӕххӕст кӕной, афтӕ донифтонгад дæр срӕвдз кӕндзысты.

"Дырыс сахат бӕрӕг нӕу, фӕлӕ боны дӕргъы авари иуварс ӕрцӕудзӕн", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ дон цӕуы магисталон линитӕ Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат-Цхинвалы уылты.