ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы йæ куыст райдыдта культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь-2021"-ы фыццаг фæлтæр, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Проект æххæстгонд цæуы 2015 азæй фæстæмæ. Арæзт æрцыд, сæрмагондæй æндæр бæстæты чи цæры, ахæм ирон фæсивæдæн национ культурæ æмæ традициты тыххæй радзурынæн, мадæлон æвзаг сахуыр кæнынæн.
"Ацы аз Ирыстонмæ ссыдысты 12 архайæджы. Уæвгæ сæ нымæц хъуамæ уыдаид фылдæр, фæлæ сæ фæкъаддæр кодтой, коронавирусы ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ. Æнæниздзинад у æппæтæй ахсджиагдæр", - дзырдæуы хъусинаджы.
Этнолагерь адарддӕр уыдзӕн 29 августы онг æмæ райсдзӕн улӕфджыты дыууӕ къорды. Мадзалы организатор у Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фарстыты фӕдыл министрад.