Цхинвалы аиуварс кодтой доны хӕтӕлыл авари

Аварийы аххосӕй доны цухдзинадæй къуырисæр æмæ дыццæджы тыхстысты Цхинвалы цӕгаттаг фарсы цæрджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытæ сцалцæг кодтой авари доны хаххыл, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Доны хаххыл авари ʻрцыд 8-æм июны уынгыл Сырх дзуармæ хæстæг. Дыууæ боны куыст цыд авари аиуварс кæныныл.

"Дыццæджы доны хаххыл авари иуварс æрцыд. Цæмæй куыстытæ сæххæст кæной, уый тыххæй арæзтадон куыстытæн хъуыд ахицæн кæнын донифтонгад столицæйы кæцыдæр районтæм", - загътой пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ дон цӕуы магисталон линитӕ Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат-Цхинвалы уылты.