Хуссарирыстойнаг богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады призер

Ӕртыккаг бынатыл тохы иууыл стырдæр уæзы категорийы спортсмен рамбылдта америкайаг Уайт Хендриксоны 7:3 хыгъдæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссарирыстойнаг уæгъдибар стилы богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады бронзæйон призер 21 азы онг кары фæсивæды хсæн, хъусын кæны республикæйы спорт æмæ фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты пресс-службæ.

Цхинвайлаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Цæгат Иры чемпионат

Гуырахстджын ерыстæ 54 бæстæйы тыхджындæр спортсменты хайадистæй балхынцъ сты горæт Уфайы (Башкири) æртыццæджы.

"Ӕртыккаг бынатыл тохы 125 килограммы уæзы категорийы тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг рамбылдта америкайаг богал Уайт Хендриксоны 7:3 хыгъдæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны иннæ минæвар та, хъыгагæн, нæ ахызт финалон тохтæм.